Ивгъуыд заманы ирон адæм цардысты бирæ бинонтæй – стыр хæдзар, астæуарт, уæрæх ердо. Комкоммæ-иу артмæ галтыл æрбаластой æнæхъæн хъæдтæ. Ахæм бинонтæ-иу куы байуæрстой, куы-иу ахицæнтæ сты, уæд-иу сæхæдæг дæр æмæ сæ цалдæр фырты фырттæ дæр нымад уыдысты иу артæй байуаргæ æрвадæлтыл.
Нырма дæр арæх фæдзурынц: дæ зынджы хай ахуыссæд. Æнæ зынг цæрæн нæ уыдис, æмæ артдзæсты зынг ахуыссын стыр æнамонддзинадыл нымад уыдис. Уымæн баззад æлгъыстæн дæр.
Зынгæй хай лæвæрдтой æрмæст нæлгоймагæн, уымæй дæр æвзонг нæлгоймагæн, уымæн æмæ-иу бинонтæй байуæрстой зæрæдтæ нæ, фæлæ кæстæртæ.
Зынгсирвæзты рæстæджы мæгуыр лæг нæ фæзивæг кодтаид йæ хæдзармæ Леуахийы дон раздахынмæ дæр. Фæлæ йын йæ артдзæсты фæнычы мидæг цы норст зынджытæ уыдис, уыдон ын зынаргъ уыдысты æмæ уыдоныл дон ауадзын стыр мардæрцыды хуызæн уыд. Уымæн нæ фæччыд зынг курын æмæ зынг дæттын дæр хурныгуылдæй фæстæмæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.