ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Бибылты Анатолий къуырисӕры бафыста барамынд Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕйы йӕ куыстӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл.
"Ссӕрибар кӕнын Лалыты Зӕлинӕйы Хуссар Ирыстоны Юстицийы министры бынатӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ". - дзырдӕуы барамынды.
Ноджы ма иу указӕй йӕ бынатӕй сӕрибар ӕрцыд юстицийы министры хӕдивӕг Тедеты Нонна дӕр.
Уымӕй размӕ Бибылты Анатолий отставкӕйы арвыста президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игоры, йӕ хӕдивджытӕ - ПА хъуыддæгты фæдыл управленийы гæс Зассеты Ацæмæз æмæ президенты пресс-секретарь Гасситы Динайы, президенты æххуысгæнæг Касаты Ацæмæз æмæ президенты уынаффæгæнæг Дзæгъиаты Уырызмæджы .
Уыдон иууылдæр сæрибар æрцыдысты сæхи куырдиæттæм гæсгæ.