Хуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 май – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы дыццæджы бакодтой мемориалон фæйнæг Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны 30-æм афæдзы бонмæ. Фæйнæг сæвæрдтой республикæйы парламенты бæстыхайы къулыл.
"Ацы бæстыхайы 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет расидт Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад", - фыст æрцыд ирон æвзагыл мемориалон фæйнæгыл.
Хуссар Иры хæдбардзинад расидыны 30-æм афæдзы бонмæ Цхинвалы бакодтой мемориалон фæйнæг
Абон ма закондæттæг органы рабадтыты залы ацыд æхсæнады минæвæртты бæрæгбонон æмбырд, кæцы нывонд уыд ацы нысаниуæгджын датæйæн. Мемориалон фæйнæг бакæныны церемонийы хайад райста президент Гаглойты Алан.
Афтæ ма къухдариуæгад, парламент æмæ æхсæнады минæвæрттæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрдтой республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы цыртмæ.
Хуссар Ирыстоны иууыл сӕйрагдӕр документтӕй иу райста республикӕйы Уӕлдӕр совет 1992 азы 29 майы. Ацы датӕ республикӕйы у бӕрӕгбонон. Хӕдбардзинады акты бындурыл фӕстӕдӕр арӕзт ӕрцыдысты паддзахадон атрибутикӕтӕ ӕмӕ къухдариуӕгады ӕнӕмӕнгхъӕуӕг институттӕ иууылдӕр.