Хуссар Иры Сатихъары хъæуы басыгъд хисæрмагонд хæдзар - УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы дыццæджы æхсæвы æрцыд зынгсирвæзт хисæрмагонд хæдзары, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Радгæсон хайадмæ иууæладзыгон хисæрмагонд хæдзары ссыгъды фæдыл хъусинаг бацыд æхсæвы 01.14 сахатыл, цауы бынатмæ ацыдысты дыууæ зынгфæдисон къорды.
"Зынгсирвæзты фæстиуæгæн сугæй хæдзар æнæхъæнæй басыгъд, артæй фервæзын кæнын бантыст æрмæст æфтуанагъуыст. Зынгсирвæзты фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Специалисттæ бæрæг кæнынц зынгсирвæзты аххосæгтæ.