Ахæм над рисгæ нæ кæны, фæлæ йæ сæрыл хъустæ кæмæн ис, уымæн лæдзæджы надæй карздæр у. Йæ сæрыл хъустæ кæмæн нæй, кæмæ ницы хъары, ахæмты тыххæй та фæзæгъынц: куыдзыл бату кæн æмæ йæ басдæра.
Цымыдисаг у, цæуылнæ фæзæгъынц хуыйы къахæй фæнæмын, бæхы къахæй, сæгъы кæнæ æндæр исты цæрæгойы къахæй. Нæ, æрмæстдæр куыдзы къахæй надæуы...
"Куыдзы къахæй фæнæмын", æвæццæгæн, баст у, куыдз ирон хæдзары цы уавæры ис фыдæлтæй фæстæмæ, ууыл.
Куыдзы къахæй фæнæмынц, тынг бафхæрын кæй хъæуы, ахæм адæймаджы. Уыцы æфхæрд вæййы æрмæстдæр æвзагæй æмæ рæстагæй: азымджын адæймагæн комкоммæ æмæ хъæбæрæй фæдзурынц карз уайдзæфтæ. Уыцы уайдзæфтыл, æргомæй кæд нæ, уæддæр йæ зæрдæйы мидæг разы вæййы, кæмæн сæ фæдзурынц, уый йæхæдæг дæр.
Фæлæ иугæр уайдзæфтæ æнæхъола фидис æмæ загъдмæ куы раивой, уæд куыдзы къахæй фæнæмын нал фæдзурынц. Уæд та фæзæгъынц: куыдзау дæр ыл фæрæйдта.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон.