Луганскы ФХМ радзырдтой, цавӕр ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы украинӕйаг националисттӕм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Украинӕйаг националисттыл тӕрхон кӕндзӕн ӕфсӕддон трибунал, уыдон райсдзысты законмӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости ЛАР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры фыццаг хӕдивӕг Анна Сорокайы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Ӕфхӕрд - ахӕст. Хъӕуы бакӕнын уголовон кодекс ӕмӕ йӕ бакӕсын. Ис 15 азӕй 25 азы онг - алыгъуызон ӕмгъуыдтӕ. Фыдракӕндты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ уадздзысты уголовон хъуыддаг ӕмӕ рахӕсдзысты скъуыддзаг дӕр", - загъта уый.
Анна Сорока зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, республикӕйы мӕлӕтӕй ӕххӕрдыл кӕй ис мораторий, фӕлӕ УК кӕцыдӕр статьятӕ рагхыгъд кӕнынц цӕрӕнбонтӕм ахӕст.
Июны райдианы Донецкаг Адӕмон республикӕйы Адӕмон советы уголовон ӕмӕ административон закондӕттынады фӕдыл къамисы сӕрдар Елена Шишкина фехъусын кодта, трибуналы фыццаг "ӕхсӕйнаг" радат чизоны кӕй ацӕуа сӕрды кӕрӕтты, уый уылдзӕн "Мариуполаг трибунал" - Дыккаг дунейон хӕсты трибуналы ӕнгӕс.
УФ Хъахъхъӕнынады министр снысан кодта ног амӕлттӕ Украинӕйы операци фӕтагъд кӕныны фӕдыл
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.