Украинæйы æфсад æхсы Донецк америкæйаг хæцæнгарзæй – Пушилин

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Украинæйаг æфсад пайда кæны америкæйаг хæцæнгарзæй Донецкы сабыр цæрджыты æхсынæн, фехъусын кодта къуырисæры Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин "Россия 24" телеканалы эфиры.
"Америкæйаг хæцæнгарзæй, сæ нымæцы гаубица М777, ныридæгæн пайда кæны украинæйаг æфсад", - загъта Денис Пушилин.
Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, хæцæнгарзæй кæй пайда кодтой Донецк æхсыны рæстæджы.
Пушилин бахахх кодта, украинæйаг æфсæддонтæ кæй æхсынц Донецкы цæрæн районтæ, цы ран нæй æфсæддон объекттæ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта Украинæйы америкæйаг радиолокацион станц