Арӕнгӕрон Эргнеты цӕуы ИӔАМ фӕлгӕтты радон фембӕлд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл цӕрӕн пункт Эргнеты цур дыццӕджы уагъд цӕуы Инциденттӕ ма руадзыны ӕмӕ аиуварс кӕныны механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлд. Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ ОБСЕ минӕвӕрттӕ.
Фӕстаг хатт ӕнгӕс фембӕлд ацыд ацы аз апрелы мӕйы.
Боны фӕткы, раздӕрау, ис ӕруынаффӕ кӕнын инциденттыл, кӕцытӕ ӕрцыдысты паддзахадон арӕныл фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ, афтӕ ма гуманитарон фарстытӕ дӕр.
Гуырдзыстон цӕмӕннӕ кӕны йӕ полицӕйӕгты Уистӕй - ИӔАМ фембӕлды хатдзӕгтӕ
Фембӕлдты ӕдзухон темӕ ма у уавӕр хуссарирыстойнаг хъӕу Уисты, цы ран гуырдзиаг полици сӕвӕрдта йӕ ӕнӕзаконон блокпост.
Фембӕлды фӕстиуджыты тыххӕй журналисттӕн радзурдзӕн хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Коцты Егор.
ИӔАМ фӕлгӕтты фембӕлдтӕ уагъд цӕуынц 2009 азӕй фӕстӕмӕ.