Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой 350 фылдӕр украинӕйаг националисты ӕмӕ ӕхсӕз "Град"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Уӕрӕсейаг авиаци сӕрмагонд операцийы фӕлгӕтты иу суткӕмӕ скуынӕг кодта 350 фылдӕр националисты, 13 танчы ӕмӕ ӕндӕр фидаргонд хӕдтулгӕтӕ, ӕхсӕз "Град"-ы, фехъусын кодта УФ Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков.
"Оперативон-тактикон ӕмӕ ӕфсӕддон авиаци ныццавта УГТ удӕгас тыхтӕ ӕмӕ техникӕйы ӕмбырдуаты 101 районы, скуынӕг кодта 350-ӕй фылдӕр националисты, ӕртӕ фӕткдаруатон пункты, 13 танчы, залпон ӕхсты реактивон системӕ "Град"-ы ӕхсӕз ӕвӕрӕны, быдырон артиллерийы 14 гарзӕджы ӕмӕ 22 сӕрмагонд автомобилы", - хъусын кӕны РИА Новости инӕлары ныхӕстӕ.
Уымӕй дарддӕр ма иттӕг дырыс ракетӕтӕ "Калибр"-тӕй Черниговаг областы цӕрӕн пункт Прилукийы пырх ӕрцыдис УГТ артиллерион хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ гӕрзты арсенал.
Уӕрӕсейаг авиаци скуынӕг кодта ӕххуырст ӕфсады цӕттӕгӕнӕн центр Украинӕйы
Афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ӕрыппӕрстой украинӕйаг МиГ-29 ӕмӕ вертолет Ми-24.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.