Уӕрӕсейаг авиаци скуынӕг кодта ӕххуырст ӕфсады цӕттӕгӕнӕн центр Украинӕйы

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæРакетӕ
Ракетӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков фехъусын кодта, бӕстӕйы уӕлдӕфон-космикон тыхтӕ кӕй ныццавтой фӕсарӕйнаг ӕххуырст ӕфсӕддонты ахуырадон центр Украинӕйы.

"Рекетӕтӕй фехсты фӕстиуӕгӕн Житомираг областы цӕрӕн пункт Новоград-Волынскийы районы куынӕг ӕрцыд Украинӕйаг гарзджын тыхты ахуырадон центр, цы ран цӕттӕ кодтой фӕсарӕйнаг ӕххуырстыты. Алыгъуызон районты ма куынӕг ӕрцыдысты УГТ дыууӕ фӕткдаруатон пункты, зенитон ракетон комплекс "Оса-АКМ", хӕстӕрмӕджыты ӕфтауц", - хъусын кӕны инӕлар-лейтенанты ныхӕстӕ РИА Новости.

Уымӕй дарддӕр оперативон-тактикон авиаци иу суткӕмӕ ныццавта УГТ удӕгас тыхтӕ ӕмӕ техникӕйы ӕмбырдуаты 18 районы, скуынӕг кодта 200-йӕ фылдӕр украинӕйаг ӕфсӕддоны, фондз танчы, залпон ӕхсты реактивон системӕт "Град"-ы дыууӕ ӕвӕрӕны, афтӕ ма ракетон-артиллерион хӕцӕнгарзы ӕфтауц.
"Ракетон ӕфсад ӕмӕ артиллери фехста 56 фӕткдаруатон пункты, УГТ 127 позицийы, удӕгас тыхтӕ ӕмӕ техникӕйы 273 ӕмбырдуаты. Фехстты фӕстиуӕгӕн иу суткӕмӕ куынӕг ӕрцыдысты: 300-йӕ фылдӕр националисты, авд фидаргонд ӕфсӕддон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 12 сармадзаны, ӕмӕ сӕрмагонд автомобилон техникӕйы 24 иуӕгӕй фылдӕр", - ранымадта Конашенков.
Славянск  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2022
Донецкы Адæмон Республикæйы райдыдтой тохтæ Славянскыл
Уый ма бафтыдта, уӕсейаг ӕвсӕддонтӕ иу суткӕмӕ кӕй ӕрӕппӕрстой украинӕйаг куынӕггӕнӕг Су-25 ӕмӕ 13 ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараты.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0