Мӕргъиты Ирбег: натуралист професси нӕу – уый цардыуаг у

Sputnik
Ӕртыццӕджы, 15 июны ӕвзонг натуралисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Станцы къухдариуӕггӕнӕг Мӕргъиты Ирбег радзырдта ацы уагдоны историйы тыххӕй.
"Нӕ областы 1957 азы сырӕзт Ӕвзонг натуралистты станц, бирӕ бынӕттӕ раивта, фылдӕр хатт сын нӕ уыд сӕрмагонд бӕстыхай. Ныртӕккӕ цы бӕстыхайы кусы станц, уым уӕвынад кӕны 1980 азӕй", - загъта Ирбег.
Станцы къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Советон Цӕдисы натуралистты куыст ӕмӕ архайд уыд хъӕууон хӕдзарадӕн стыр пайда.
"Натуралисттӕ иу кодтой фӕлварӕн кустытӕ ӕмӕ уыцы фӕстиуджытӕ стӕй дӕттой колхозтӕм. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр зайӕгойты хицӕн хуызтӕй нӕ регионы чи хуыздӕр зайы", - бафиппайдта уый.
Мӕргъиты Ирбег куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ, натуралистты куыст ахъаз кӕны, цӕмӕй сывӕллӕттӕ уарзой ӕмӕ аудой сӕ райгуырӕн бӕстӕйыл, ӕмӕ бахахх кодта, натуралист професси кӕй нӕу, фӕлӕ у цардыуаг.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.