ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе æрбаиу кæныны фæдыл референдумы фарсты формулировкæйыл юридикон куыст нæ бакодтой, уымæ гæсгæ плебисцит ауадзыны фæдыл инициативон къорд сараздзæн ног фарст, кæцыйыл уый фæстæ æхсæнад æрныхас кæндзæн. Уый тыххæй дзырдæуы референдум ауадзыны фарсты фæдыл консультациты хатдзæгты уынаффæйы. Уый бафыстой хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.
Июны æмбис Мæскуыйы ацыдысты консультацитæ, цы ран хайад райстой УФ президенты администраци, Æдасдзинады Советы, Федерацийы Советы, ФХМ æмæ Экономикæйы министрады минæвæрттæ.
Балцы хатдзæгтыл делегацийы уæнгтæ радзырдтой брифингыл Цхинвалы. Æмбæлон уынаффæимæ журналистты базæнгæ кодта президенты администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан.
"Консультациты хатдзæгтæм гæсгæ бæлвырдгонд æрцыд, президент Бибылты Анатолийы расидгæ референдум снысан кодтой æнæ развæлгъау куыстæй æмæ ацы фарсты фæдыл нæ баныхас кодтой уæрæсейаг фарсимæ, уый та халы хæларад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырды домæнтæ", - дзырдæуы уынаффæйы.
Уым ма дзырд цæуы, Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ законтæм гæсгæ, скъуыддзæгтæ, кæцытæ райстой референдумы, хъуамæ æнæмæнг æххæст кæной республикæйы паддзахадон органтæ æмæ æмбæстæгтæ.
Ацы æууæлтæ хынцгæйæ, консультациты хайадисджытæ 'рцыдысты хъуыдымæ, референдум ауадзыны фæдыл инициативон къорд кæй хъуамæ сараза юридикон æгъдауæй раст фарст (фарстытæ), кæцы рахæсдзысты референдуммæ.
Раздӕр Гаглойты Алан бахӕс кодта ауадзын Мӕскуыимӕ консультацитӕ акӕцы фарсты фӕдыл дӕр, кӕцытӕ баст сты республикӕйы дарддӕры интеграциимӕ Уӕрӕсеимӕ. Уыцы консультациты фӕудмӕ та урӕд цыд, 13 майы цы барамынд бафыстӕуыд референдум ауадзыны фӕдыл, уый.
Барамынд бафыста раздӕры президент Бибылты Анатолий. Документмӕ гӕсгӕ, плебисцит хъуамӕ ацыдаид 17 июлы.