Хуссар Иры президент радзырдта Мӕскуымӕ балцы фӕстиуджыты тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе никӕимӕ уынаффӕ кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ УФ ӕрбаиу кӕныны фӕдыл референдум ауадзыны фарстыл, фехъусын кодта республикӕйы президент Гаглойты Алан Мӕскуымӕ хуссарирыстойнаг делегацийы балцы фӕстиуджыты фӕдыл брифингы Цхинвалы.
Июны ӕмбисы Мӕскуыйы ацыдысты консультацитӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы баиуы сӕраппонд референдумы фарстыты фӕдыл. Республикӕйы делегацийы сӕргъ лӕууыд президент Гаглойты Алан, йе сконды та уыдысты парламенты спикер Тадтаты Алан, Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Коцты Олеся, Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия, фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.ӕ. Медойты Дмитрий, президенты уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин.
"Референдумы темӕ тынг ахсджиаг у Хуссар Ирыстонӕн, уый мах тынг хорз ӕмбарӕм. Фӕлӕ ма уыимӕ уынӕм, ӕмӕ ӕхсӕнады алыгъуызон ӕмбарынӕдтӕ кӕй ис ацы хъуыддаджы фӕдыл. Уымӕ гӕсгӕ мах бахъуыд саразын ӕрӕмбырд кӕнын делегаци, кӕцы сӕрмагондӕй ацыд Мӕскуымӕ. Бибылты Анатолий барамынд куы бафаста (референдум ауадзыны фӕдыл - ред.), уӕд ыл мемӕ нӕ уынаффӕ кодта. Уыд ахӕм информаци, ӕмӕ уыл нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ дӕр кӕй нӕ уынаффӕ кодта. Иу документ дӕр нӕ уыд уый тыххӕй", - загъта Гаглойты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы фарстытыл дзырд цыд Мӕскуыйы дӕр.
Афтӕ ма президент бахахх кодта, референдумы фарстытӕ дӕр бынтон раст арӕзт кӕй не рцыдысты.
"Мах уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ бакуыстам цалдӕр къахдзӕфыл. Фыццаг рады у сраст кӕнын формулировкӕтӕ, ӕруынаффӕ кӕнын фарстыл парламенты дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады хсӕн дӕр. Стӕй та уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ дӕр. Уый фӕстӕ ис гӕнӕн консультацитӕ ауадзын дӕр", - бахахх кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.
Консультациты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ арӕзт цыд сӕрмагонд куырдиат.
Дриаты Заза - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2022
Референдум, дывæр æмбæстагад æмæ æндæртæ: цæуыл дзырдтой Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы депутаттæ
Раздӕр Гаглойты Алан бахӕс кодта ауадзын Мӕскуыимӕ консультацитӕ акӕцы фарсты фӕдыл дӕр, кӕцытӕ баст сты республикӕйы дарддӕры интеграциимӕ Уӕрӕсеимӕ. Уыцы консультациты фӕудмӕ та урӕд цыд, 13 майы цы барамынд бафыстӕуыд референдум ауадзыны фӕдыл, уый.
Барамынд бафыста раздӕры президент Бибылты Анатолий. Документмӕ гӕсгӕ, плебисцит хъуамӕ ацыдаид 17 июлы.
Ног хабӕртты лентӕ
0