Хицауады ног адӕм: кӕй нысан кӕнынц Хуссар Иры бӕрнон бынӕттӕм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй фидар ӕрцыдысты дыууӕ районы администрацийы сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ дыууӕ министры.
Дзауы ӕмӕ Знауыры районты разамынд сӕ дӕлбар бакодтой амалиуӕггӕнджытӕ. Хицауады вице-премьер ӕмӕ экономикон райрӕзты министры бынаты фӕстӕмӕ сфидар кодтой Тадтаты Дзамболаты. Уымӕ гӕсгӕ коллектив райста сӕ ног зӕронд къухдариуӕггӕнӕджы.
Уымӕй дарддӕр ног адӕймаг бацыд культурӕйы министрадмӕ - уагдоны сӕргълӕууӕгӕй нысан ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Зӕгъойты Рада. Ацы уагдонӕн фӕстаг ӕзты ис сылгоймаджы цӕсгом. Ныр ӕртӕ ӕмгъуыды фӕд-фӕдыл кусынц министртӕй сылгоймӕгтӕ - Зассеты Жанна ӕмӕ Остъаты Мӕдинӕ.
Зӕгъойты Радайӕн нырмӕ йӕ кусӕгон биографийы ис газет "Республика"-йы куыст, ССГ, драмтеатр ӕмӕ телеуынынады архайд уацхӕссӕг ӕмӕ уагдоны разамонӕгӕй. Ног министр ныфс дӕтты, йӕ бӕрны йын цы уагдон бакодтой, уый раразмӕ кӕнынӕй.
"Ныфс мӕ ис, национ культурӕйӕн йӕ цард чи снывонд кодта, уыдон ӕххуысӕй. Ӕппӕт уыцы адӕмы фӕрцы, кӕцытӕ алы рӕстӕг дӕр размӕ кодтой ирон культурӕ се 'сфӕлдыстадӕй. Стыр ныфс ма мӕ ис фӕсивӕдӕй дӕр. Нӕ бон суыдзӕн", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хызӕджы Зӕгъойты Рада.
Президенты барамындӕй ма дыццӕджы фидар ӕрцыдысты Знауыр ӕмӕ Дзауы районы разамонджытӕ. Ног хицӕуттӕн административон бынӕтты куысты фӕлтӕрддзинад нӕй, фӕлӕ сӕхицӕн скодтой ӕнтыстджын бизнес.
Знауыры районы ног къухдариуӕггӕнӕг Гобозты Алан йӕ районы рагӕй архайы фосдарды куысты. Йӕ фермерон хӕдзадады ис маргъ, ставдкъах фос ӕмӕ урсаджы рацарӕзты цех. Бынӕттон продукцийӕн Цхинвалы ис дукани дӕр. Амалиуӕгдары куыстыл Sputnik фыста цалдӕр азы размӕ.
"Нырма хъуамӕ базонгӕ уон районы уавӕримӕ. Уымӕй размӕ дӕр ӕмбӕлдтӕн адӕмимӕ ӕмӕ мын сӕ проблемӕтӕ сусӕггаг не сты - дон, рухс, фӕндаг ӕмӕ куысты бынӕттӕ", - загъта Sputnik Гобозты Алан.
Уæййаг бизнес Знауыры: "базырджын" продукт æмæ урсаджы рауагъдад
Дзауы районы администрацийы сӕргъ та слӕууыд Тыбылты Ванда. Сылгоймаджы ном хъуыстгонд у ӕртаджы бизнесӕй. Амӕй размӕ бӕрнон бынӕтты никуы куыста, фӕлӕ уымӕн дӕр бантыст саразын ӕнтыстджын бизнес.
"Бӕрнон бынатмӕ никуы тырныдтон, фӕлӕ мын Гаглойты Аланы хъуыдытӕ паддзахады размӕцыды фӕдыл ӕввахс сты ӕмӕ ацы бӕрнон райстон мӕхимӕ. Ӕнӕ уый та Дзауы цӕрын мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ кӕнинаг цы ис, уыдон хорз зонын", - загъта Sputnik Тыбылты Ванда.