Гаглойты Алан снысан кодта фæндагон комитеты ног разамонæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Елдзарты Константины республикæйы автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæгæй.
Уый размæ Гаглойты Алан йæ барамындæй ссæрибар кодта Гуыззыттаты Эдуарды автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæджы бынатæй.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 7-æм пунктмæ гæсгæ снысан кæнын Елдзарты Константины Иналы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæгæй ", - дзырдæуы барамынды тексты, кæцы мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Хуссар Иры президент снысан кодта арæзтады министры
Хуссар Ирыстоны хицауад ацыд отставкæйы 24 майы, Гаглойты Алан республикæйы президент куы ссис, уæд. Республикæйы арæзт цæуы хицауады ног сконд: къуырисæры паддзахады сæргълæууæг премьер-министрæй снысан кодта Джуссойты Константины – йæ кандидатурæйы йын уый размæ хорзыл банымадта парламент. Уымæй дарддæр ма снысан кодтой Экономикæйы министрад, Мидхъуыддæгты министрад æмæ Юстицийы министрады разамонджыты.