Хуссар Иры президент снысан кодта арæзтады министры

© SputnikЗæгъойты Эдуард
Зæгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта республикæйы арæзтады министрæй Зæгъойты Эдуарды.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 7-æм пунктмæ гæсгæ снысан кæнын Зæгъойты Эдуард Николайы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрæй", - дзырдæуы паддзахады сæргълæууæджы барамынды.
Зæгъойты Эдуард разамынад дæтты Хуссар Ирыстоны арæзтады министрадæн 2013 азæй фæстæмæ.
Джуссойты Константин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2022
Хуссар Иры президент снысан кодта Джуссойты Константины хицауады сӕрдарӕй
Хуссар Ирыстоны хицауад ацыд отставкæйы 24 майы, Гаглойты Алан республикæйы президент куы ссис, уæд. Республикæйы арæзт цæуы хицауады ног сконд: къуырисæры паддзахады сæргълæууæг премьер-министрæй снысан кодта Джуссойты Константины – йæ кандидатурæйы йын уый размæ хорзыл банымадта парламент. Уымæй дарддæр ма снысан кодтой Экономикæйы министрад, Мидхъуыддæгты министрад æмæ Юстицийы министрады разамонджыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0