ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ æрвиты æрмæджытæ Уæлдæр тæрхондонмæ законад æмæ хæдразамынады парламентон комитеты разамонæг Габатты Аланы архæйдтыты фæлывдми сбæрæг кæныны фæдыл.
Уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы аз майы прокуратурæмæ бадзырдта Гуыцмæзты Илья, кæцы фехъусын кодта депутат фæлывдми кæй сарæзта 2014 азы рауагъд Jeep Grand Cherokee хæдтулгæ æлхæныны рæстæджы.
"Басгæрсты рæстæджы сбæрæг кодтой, 2022 азы 22 апрелы Габатты Алан кæй баныхас кодта Гуыцмæзты Ильяимæ йæ хæдтулгæ Jeep Grand Cherokee балхæныны фæдыл. Гуызмæзты Ильяйы æууæнчы бахизгæйæ, Габатты Алан сразы кодта раттын йын хæдтулгæ, цалынмæ йын 1 600 000 сомы радта 2022 азы 10 маймæ, уæдмæ. Гуызмæзты Илья сразы Габатты Аланимæ æмæ йын радта хæдтулгæ", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Фæстæдæр Габатты Алан сарæзта мæнг æууæнкдар гæххæт хæдтулгæйæн, акодта транспорт Дзæуджыхъæумæ, æмæ йæ уый фæстæ ауæй кодта.
Фæдагуырды комитет цæттæ кæны документтæ Уæлдæр тæрхондонмæ арвитыны фæдыл, цæмæй уый фæстæ æрмæджытæ бацæуой парламентмæ депутаты нæфæцагайгæдзинад ацух кæнынæн.