Транскамы нӕ лӕууы дуркалд, фӕндагон службӕтӕ кусынц йӕ расыгъдӕг кӕныныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскамы автомагистралы дарддӕр кӕлынц дуртӕ, уый аххосӕй нӕй бӕстон информаци трассӕйы баконды тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik федералон фӕндагон агентады цӕгаткавказаг автомобилон фӕндӕгты управленийы эксперт Тохъазты Артур.

"Ӕртӕ суткӕмӕ ӕркалд фондз мин кубометры бӕрц. Куыстытӕ цӕуынц, архайы дзы аст иуӕджы техникӕ, фӕлӕ хъыг дары дуркалд", - загъта уый.

Уый ма зӕрдыл ӕрдартта, 27 июнӕй фӕстӕмӕ Транскамы ис вазыгджын уавӕр.
"27 июны Транскавказы ӕртӕ бынаты ӕрцыд цъыфы зӕйтӕ. Уыцы бон йӕ расыгъдӕг кодтой ӕмӕ ӕртӕ сахатыл фӕндаг скуыста 19.30 онг. Уый фӕстӕ рацыд ног цъыфы зӕй дуркалдимӕ 89 километры. Сыгъдӕг ӕрцыд, фӕлӕ дарддӕр кӕлынц дуртӕ", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндаг ӕхгӕд у цалдӕр боны. Фӕндаг бакӕндмӕ бирӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Транскамыл.