Хуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд (МСНК) хæстон хæдтулгæтыл ацыд Дзау – Цхинвал – Къуаиса – Цхинвал – Дзау маршрутыл. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Къорды шофыртæ æмæ механиктæ маршы рæстæджы спайда кодтой сæ скъæрыны курдиатæй, ахызтысты алыхуызон цæлхдурты сæрыл æмæ сæххæст кодтой маневртæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, МСНК ма ауагъта хæстон рæнхъы слæууыны тренировкæ бастдзинады фæрæзтæй пайда гæнгæйæ, скъæрдтой техникæ цæрæн пункттæ æмæ хæххон бынæтты, ацыдысты маршрут колоннæйы сконды максималон æмæ минималон тагъдадæй.
МХМ бахахх кодтой, МСНК бронетехникæйы марш кæй сорганизаци кодтой механиктæ-шофырты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нысанæн.
Хуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл