Хуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл
Хуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд (МСНК) хæстон хæдтулгæтыл ацыд Дзау – Цхинвал – Къуаиса – Цхинвал – Дзау маршрутыл. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Къорды шофыртæ æмæ механиктæ маршы рæстæджы спайда кодтой сæ скъæрыны курдиатæй, ахызтысты алыхуызон цæлхдурты сæрыл æмæ сæххæст кодтой маневртæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, МСНК ма ауагъта хæстон рæнхъы слæууыны тренировкæ бастдзинады фæрæзтæй пайда гæнгæйæ, скъæрдтой техникæ цæрæн пункттæ æмæ хæххон бынæтты, ацыдысты маршрут колоннæйы сконды максималон æмæ минималон тагъдадæй.
МХМ бахахх кодтой, МСНК бронетехникæйы марш кæй сорганизаци кодтой механиктæ-шофырты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нысанæн.
© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл
ОМОН совершил многокилометровый марш на боевой технике - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Хуссар Иры МСНК сæххæст кодта бирæкилометрон марш хæстон техникæйыл
Ног хабӕртты лентӕ
0