Украинæ фесæфта 5,5 мин æфсæддоны: Шойгу радзырдта Путинæн ЛАР ссæрибар кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 июл – Sputnik. Украинæйаг æфсæдтæ дыууæ къуыримæ уæрæсейаг Гарзджын тыхтимæ тохты, кæцытæ сæрибар кодтой Луганскы Адæмон Республикæ (ЛАР), фесæфтой 5469 адæймаджы, фехъусын кодта УФ хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу йæ хыгъдлæвæрды Владимир Путинæн, хъусын кæны РИА Новости.
Министры ныхæстæм гæсгæ, дыууæ къуыримæ æрхъула кодтой æмæ скуынæг кодтой знаджы æфсæдты Лисичанск æмæ Северодонецкы районты, уæрæсейаг æфсад йæ дæлбар бакодта 25 цæрæн пункты, уыдонæй иууыл егъаудæртæ сты – Северодонецк, Золотое, Горское æмæ Волчеяровка.
"Украинæйы Гарзджын тыхтæ æдæппæт фесæфтой 5469 адæймаджы, уыдонæй 2218 фæмардуæвджытæ, 3251 та фæцæфуæвджытæ", - фехъусын кодта Шойгу.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ ЛАР Адæмон милицийы дæлхайæдтæ фæстаг дыууæ къуыримæ скуынæг кодтой 196 украинæйаг танк æмæ хæстон хæдтулгæйы, 12 хæдтæхæджы æмæ иу вертолет, 69 æнæпилотон тæхæг аппараты, æхсæз зенитон ракетон комплексы æмæ залпон æхсты реактивон системæты 97 иуæджы.
Афтæ ма скуынæг кодтой быдырон æмæ минометон артиллерийы 166 сармадзаны æмæ 216 украинæйаг æфсæддон хæдтулгæйы.
Уæрæсейаг æфсад скуынæг кодтой 32 украинæйаг фæткдаруаты пункты æмæ æртæ æфтауцы
Президент банысан кодта, зæгъгæ, дæлхайæдтæ, кæцытæ хайад истой ЛАР ссæрибар кæныны, хъуамæ баулæфой æмæ фæфылдæр кæной сæ хæстон фадæттæ.
Паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, къордтæ "Скæсæн" æмæ "НЫгуылæн" дарддæр кæй хъуамæ æххæст кæной сæ хæслæвæрдтæ сæрмагонд операцийы рæстæджы.
Владимир Путин ма банхъардта схорзæхджын кæнын Украинæйы сæрмагонд операцийы йæхи хорз чи равдыста, уыцы æфсæддонты.
Путин загъта, къуырисæры кæй бафысдзæн барамынд "Центр" къорды командæгæнæг инæлар-булкъон Лапин æмæ Хуссар æфсæддон зылды Æстæм æфсады командæгæнæджы хæдивæг инæлар-майор Абачевæн Уæрæсейы Хъайтары ном раттыны фæдыл.
Знон Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, уæрæсейаг æфсæдты "Центр" къорд инæлар-булкъон Александр Лапины къухдариуæгады бын Хуссар æфсæдты къордимæ иумæ кæй æрхъула кодтой Лисичанск.