Уæрæсейаг æфсад скуынæг кодтой 32 украинæйаг фæткдаруаты пункты æмæ æртæ æфтауцы

© Sputnik / Кирилл Нортон /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсад
Уæрæсейаг æфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Уæрæсейаг авиаци æмæ артиллери иу суткæмæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты фæткдаруаты 32 пункты, радиолокацион станц, хæстæрмæджыты æртæ æфтауцы, знаджы удæгас тыхтæ æмæ æфсæддон техникæ. Уый тыххæй хъусын кæны майрæмбоны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
"Оперативон-тактикон æмæ æфсæддон авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери скуынæг кодтой: Украинæйы Гарзджын тыхты фæткдаруаты 32 пункты, радиолокацион станц Одессайы областы Катранкайы районы, хæстæрмæджыты æртæ æфтауцы Донецкы Адæмон Республикæйы Спорное районы, афтæ ма удæгас тыхтæ æмæ æфсæддон техникæ 297 районы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма контрбатарейон тохы фæлгæтты Уæрæсейы уæлдæфон-космикон æфсад иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодта залпон æхсты реактивон системæты дыууæ взводы æмæ дыууæ артиллерион взводы Лесовка, Селидово æмæ Нетайловойы районты, уырдыгæй-иу æхстой Донецкы Адæмон Республикæйы цæрæн пункттæ.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 226 хӕдтӕхӕджы, 134 вертолеты, 1411 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 353 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3873 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 699 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3067 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3948 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0