МХМ агурынц Цхинвалы цæрæджы фехсыны цыппар зæрдæхсайгæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) агуры республикæйы цыппар цæрæджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы фыдракæнд сарызыны.
Æртыццæджы хæцæнгарзæй фехстой столицæйы цæрæджы, кæцыйы цæфтимæ бакодтой рынчындонмæ, фыдгæнджытæ та фæтары сты цауы бынатæй.
"Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сбæрæг кодтой гоймæгты, кæцытæм зæрдæ æхсайы ацы фыдракæнд саразыны. Уыдон сты Хуссар Ирыстоны цыппар цæрæджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Джиоты Олег Альберты фырт 19.05.1992 азы гуырд,
Джиголаты Мурæт Мурæты фырт 16.09.1991 азы гуырд,
Дзабиты Азæмæт Валерийы фырт 07.10.1997 азы гуырд,
Сухомлинов Артур Игоры фырт 24.10.1994 азы гуырд.
Оперативон информаци хынцгæйæ. Зæрдæхсайгæтæ фыдракæнды фæстæ ахызтысты Хуссар Ирыстоны арæны сæрты Уæрæсейы рдæм. Ныртæккæ уагъд цæуынц мадзæлттæ, цæмæй сæ ссарой æмæ æрцахсой.
Гоймæгты, кæцытæм ис информаци зæрдæхсайгæты уæвынады фæдыл, хъæуы бадзурын МХМ-мæ.