Иутæ зæгъынц, зæгъгæ, гурæй-гурмæ ницы у, æмæ йын кæд исты нысаниуæг ис, уæддæр гуырæй-гуырмæ-йы фæрцы. Иннæтæ цæхгæр хъахъхъæнынц дзырд гурæй-гурмæ æмæ фидарæй дзурынц, зæгъгæ, гуырæй-гуырмæ кæд исты у, уæддæр æндæр цыдæр у.
Дзырд гуырæй-гуырмæ æмбæлы "Ирон-уырыссаг дзырдуаты" æмæ йæ тæлмац кæнынц "по пятам", "по следам". Абайты Вассойы "Уырыссаг-ирон дзырдуаты" та у гурæй-гурмæ ("ходить по пятам").
Хуссар Ирыстоны зонадон институты лабораторийы картотекæйы разындис, гурæй-гурмæ кæм ис, иу дæс ахæм цæвиттоны. Гуырæй-гуырмæ дзы иу дæр нæй, фæлæ хуссайраг ирон фысджытæй иу цалдæрæй карзæй зæгъынц, дзургæ дæр æмæ фысгæ дæр кæнынц гуырæй-гуырмæ.
Сæ сæйраг æмæ иумæйаг нысаниуæг у: дзæвгар рæстæджы дæргъы, иугæндзон искæй фæдыл (цæуын). Йæ фæдыл гурæй-гурмæ (кæнæ гуырæй-гуырмæ) цыд, ома, йæ фæдыл бафтыд æмæ йæ уæгъд нал уадзы.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.