Нæ мыхуыры хатгай рауайы быцæу ныхас: афтæ нæ дзурынц, кæнæ ахæм дзырд нæй ирон æвзаджы, зæгъгæ. Мæнæ иу цалдæр цæвиттоны. Нигер: Гоко йе "᾿мгокотæй адард". Дзырд æмгоко арæзт у нæ дзырдаразыны продуктивон моделмæ гæсгæ: æмкусæг, æмбæстаг, æмбал, æмкъай... Хъодалаты Герсанмæ: Фæткъуы уалдзæджы ʻрцыдæй афтæ схъылындзы и, афтæ – Мин-мин дидин-дзæццытæй Цины худæг ыл бафтыд.
Дыккаг къордмæ бахæссын хъæуы, Ирыстоны хицæн бынæтты чи æмбæлы, уыцы дзырдтæ. Уыдон диалектон дзырдтæ хонынц, ома уæвынад кæнынц ирон æвзаджы хицæн диалектты: æнцъухын – нуазын, æмæхсæвæджы – тынг раджы, ныббæлæгъ кæнын – ныггом кæнын, ныххæлиу кæнын, джиз кæнын – хъыг кæнын, чъырццæ – хус.
Æртыккæгæм къорд, хæрзæрæджы чи фæзынд æмæ уырыссаг дзырдтæ тæлмац кæныны руаджы æрвылбон чи æфты не ʻвзагмæ, уыцы дзырдтæ. Ахæмтæ сты, зæгъæм, æрдæгфиналон, хæрзарæзтад, æрзæтыссæг, агроамынд, раззагон, æхсæнадон-политикон, æфсæддон патриотон, æмдзугæнæг, раззагон æмæ æндæртæ. Уыдон дæр тынг бирæ сты.
Цыппæрæм къорд - индивидуалон неологизмтæ. Индивидуалон неологизмтæ, æвæццæгæн, не сты иннæ æртæ къорды дзырдты хуызæн актуалон æмæ ахсджиаг: уыдонæй иуæй-иутæ кæд ахизынц нацийы иумæйаг æвзагмæ, уæд сæ фылдæр хай баззайы цæрæнбонтæм, цы уацмысы фæзынынц, уым.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.