Цæгат Иры ссардтой цæугæдоны бахауæг сабийы мæрдон буар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ссардтой сабийы мæрдон буар 500 метры дарддæр йæ ахауыны бынатæй Фыййагдоны цæугæдоны. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Сывæллоны агурын райдыдтой æртыццæджы Алагиры районы.
Фæмардуæвæг сабийы ныййарджытимæ кусынц уагдоны психологтæ.
Агурынмæ æрбаздахтой Уæрæсейы УУМ æмæ Республикон агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы кусджыты, афтæ ма бархионты.