Хуссар Иры Дзауы районы ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Фӕндагон цау ӕрцыд Дзау-Цхинвалы трассӕйыл Гуфтамӕ хӕстӕг райсом фарст сахатмӕ ӕввахс.
"Хӕдтулгӕ Nissan Tiida шофыр 31-аздзыд сылгоймаг цыд Дзауӕй столицӕмӕ. Уый не сырӕхст скъӕрын, ахауд дӕлбыл ӕмӕ сӕмбӕлд электрохызӕджы цӕджындзыл. Шофыр цӕфтӕй фӕмард бынаты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Сылгоймагимӕ хӕдтулгӕйы уыд йӕ ӕхсӕзаздзыд сывӕллон, уый бакодтой рынчындонмӕ, ныридӕгӕн йӕ цардӕн ницы тас у.
Цауы бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ, уыдон ӕвзарынц ӕнамонд хабары аххосӕгтӕ.