Цӕдисон тыхтӕ ссӕрибар кодтой дыууӕ цӕрӕн пункты Донецкаг Адӕмон республикӕйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Цӕдисон тыхтӕ ссӕрибар кодтой хъӕутӕ Покровское ӕмӕ Клиновое, кӕцытӕ ӕвӕрд сты дӕс километры дӕрддзӕфӕн Артемовскӕй (Бахмута), хъусын кӕны РИА Новости ДАР территориалон хъахъхъӕнынады штабы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Артемовск (Бахмут) ис 20 километры дарддӕр горӕт Соледарӕй. Горӕты ис егъау транспортон ӕлхынцъ.
"2022 азы 29 июлы уавӕрмӕ гӕсгӕ, Донецкаг Адӕмон республикӕйы территорийыл ДАР ӕмӕ ЛАР ӕфсады къордтӕ Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты ӕххуысӕй ссӕрибар кодтой 258 цӕрӕн пункты, сӕ нымӕцы Покровское ӕмӕ Клиновое", дзырдӕуы штабы хъусинаджы Telegram-каналы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Уӕрӕсе нывӕнды сӕндидзын кӕнын Мариуполь ӕртӕ азмӕ - вице-премьер Хуснуллин