https://sputnik-ossetia.com/20220729/uarase-nyvandy-sandidzyn-kanyn-mariupol-arta-azma---vitse-premer-khusnullin-17969334.html
Уӕрӕсе нывӕнды сӕндидзын кӕнын Мариуполь ӕртӕ азмӕ - вице-премьер Хуснуллин
Уӕрӕсе нывӕнды сӕндидзын кӕнын Мариуполь ӕртӕ азмӕ - вице-премьер Хуснуллин
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Мариуполь ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕнынӕн бахъӕудзӕн ӕртӕ азы, ӕмбӕлон нывӕзт ныридӕгӕн арӕзт ӕрцыд уӕрӕсейаг хицауады, фехъусын... 29.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-29T16:30+0300
2022-07-29T16:30+0300
2022-07-29T16:30+0300
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
политикӕ
донбасс
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1d/17968225_0:218:3072:1946_1920x0_80_0_0_6db72d1652f3c971bfe70c8bac148aca.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Мариуполь ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕнынӕн бахъӕудзӕн ӕртӕ азы, ӕмбӕлон нывӕзт ныридӕгӕн арӕзт ӕрцыд уӕрӕсейаг хицауады, фехъусын кодта УФ вице-премьер Марат Хуснуллин президент Владимир Путинимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы.Горӕт сӕндидзын кӕныны мастер-план арӕзт ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ."Владимир Владимиры фырт, фӕндыд мӕ демӕ ӕруынаффӕ кӕнын ӕмӕ банхъарын ацы концепци - Мариуполы райрӕзты мастер-план. Мах ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕндзыстӕм горӕт ӕртӕ азмӕ", - загъта хицауады сӕрдары хӕдивӕг.Уый ма раргом кодта документы сӕйраг уагӕвӕрдтӕ дӕр.Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1d/17968225_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_d85d15996f20d39ff5322ada11eb4cb5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, политикӕ, донбасс, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, политикӕ, донбасс, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Уӕрӕсе нывӕнды сӕндидзын кӕнын Мариуполь ӕртӕ азмӕ - вице-премьер Хуснуллин
ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Мариуполь ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕнынӕн бахъӕудзӕн ӕртӕ азы, ӕмбӕлон нывӕзт ныридӕгӕн арӕзт ӕрцыд уӕрӕсейаг хицауады, фехъусын кодта УФ вице-премьер Марат Хуснуллин президент Владимир Путинимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Горӕт сӕндидзын кӕныны мастер-план арӕзт ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
"Владимир Владимиры фырт, фӕндыд мӕ демӕ ӕруынаффӕ кӕнын ӕмӕ банхъарын ацы концепци - Мариуполы райрӕзты мастер-план. Мах ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕндзыстӕм горӕт ӕртӕ азмӕ", - загъта хицауады сӕрдары хӕдивӕг.
Уый ма раргом кодта документы сӕйраг уагӕвӕрдтӕ дӕр.
"Сӕйраг хӕйттӕй - мах чысыл фӕивтам нывӕзты арӕнтӕ, фӕнды нӕ бахӕссын уырдӕ аэропорт. Ныридӕгӕн хъуамӕ ӕрӕвналӕм йӕ арӕзтадмӕ. Аразӕм ма бынтон ног транспортон инфраструктурӕ, афтӕ ма нӕ фӕнды бакӕнын ӕфсӕнвӕндаг дӕр. сӕндидзын кӕнын трамвайон бастдзинад дӕр", - радзырдта Хуснуллин.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.