Уӕрӕсе нывӕнды сӕндидзын кӕнын Мариуполь ӕртӕ азмӕ - вице-премьер Хуснуллин

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Мариуполь ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕнынӕн бахъӕудзӕн ӕртӕ азы, ӕмбӕлон нывӕзт ныридӕгӕн арӕзт ӕрцыд уӕрӕсейаг хицауады, фехъусын кодта УФ вице-премьер Марат Хуснуллин президент Владимир Путинимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Горӕт сӕндидзын кӕныны мастер-план арӕзт ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
УФ вице-премьер Марат Хуснуллин ӕмӕ президент Владимир Путины фембӕлд
"Владимир Владимиры фырт, фӕндыд мӕ демӕ ӕруынаффӕ кӕнын ӕмӕ банхъарын ацы концепци - Мариуполы райрӕзты мастер-план. Мах ӕххӕстбӕрцӕй сӕндидзын кӕндзыстӕм горӕт ӕртӕ азмӕ", - загъта хицауады сӕрдары хӕдивӕг.
Уый ма раргом кодта документы сӕйраг уагӕвӕрдтӕ дӕр.
"Сӕйраг хӕйттӕй - мах чысыл фӕивтам нывӕзты арӕнтӕ, фӕнды нӕ бахӕссын уырдӕ аэропорт. Ныридӕгӕн хъуамӕ ӕрӕвналӕм йӕ арӕзтадмӕ. Аразӕм ма бынтон ног транспортон инфраструктурӕ, афтӕ ма нӕ фӕнды бакӕнын ӕфсӕнвӕндаг дӕр. сӕндидзын кӕнын трамвайон бастдзинад дӕр", - радзырдта Хуснуллин.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.