Цæгат Иры барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой наркотиктæ уæйгæнæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Цæгатирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ æрæхгæдтой "метадон" уæй кæныны канал, хъусын кæны республикæйы МХМ.

"Полицийы информацимæ гæсгæ, Астæуккаг Азийы паддзахадтæй иуы æмбæстаг, кæцы цæры Мæскуыйы, æрцыд Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй уæй кæна метадон республикæйы территорийыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æвзонг нæлгоймаджы æрурæдтой наркотиктæ уæй кæныны рæстæджы. Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы йæм ссардæуыд бирæнымæц тыхтонтæ æбæрæг урс буарадимæ.
МХМ банысан кодтой, ацы буарад кæй у синтетикон наркотик "метадон". Йæ массæ уыд 30 граммы, уымæй та арæзт цæуы 300 иухаттон дозæйы.
Ныртæккæ наркотиктæ уæйгæнæг ис ахæсты. Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, бакондæуыд уголовон хъуыддаг, фыдгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы 20 азы онг ахæст.