Адæм æмгъуызон хъуамæ дзуриккой. Адæмæн иу æвзаг вæййы æмæ кæрæдзи уымæн æмбарынц. Алы адæймагæн хицæн æвзаг куы фестид, уæд адæм сæмтъеры уаиккой Чехойты дугъау. Уæдæ нуæзта, нызта æмæ нозта не ʻвзаджы фæрсæй-фæрстæм кæй цæрынц, уый ууыл дзуры, æмæ сæ гаччы нæма æрбадтысты. Уымæн æмæ уыцы æртæйæ иу йеддæмæ-ма хъуамæ уаид не ʻвзаджы.
Мæнæ дыгурмæ куыд у, афтæ: ниуазун – ниуазт.
Уый у рагон "ныуазын"-æй. Кæддæр, дам, ны- ам разæфтуан уыдис, фæлæ гъеныр нал комы рахицæн кæнын, баныхæст дзырды уидагыл. Æмхъæлæсон (уы) дыууæ хъæлæсоны ʻхсæн куы вæййы, уæд æртæ мыры фæцыбыр вæййынц æмæ-ма сæ аззайы æрмæстдæр иу хъæлæсон. Гъе уымæн фæдзурæм рæуæд æмæ род, цæуæт æмæ цот...
Дзырд "нуазын"-ы адзал баййæфта, зæгъæм, "нуæрдын"-ы дæр: ис нордын, ныннуæрста, норст. Ам дæр ны- кæддæр разæфтуан уыдис.
Цæвиттонтæй куыд зыны, афтæмæй арæхдæр æмбæлы хъæлæсон "о". Æмæ уæд хъуамæ "нозт" фæуæлахиз уа "нуæзт" æмæ "нызт"-ыл. Æвзаг нæ быхсы ахæм хицæн варианттæ, сæмгъуызон сæ кæны куыдфæстагмæ. Ам дæр афтæ рауайдзæн: æртæйæ-ма баззайдзæн иу. Чизоны, уый уа "нозт".
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.