Цхинвалы байгом ирон адӕмы геноцидӕн нывонд равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы байгом ис равдыст "Геноцид нывгӕнджыты цӕстӕнгасӕй". Культурон мадзалмӕ бацыдысты паддзахады къухдариуӕггӕнджытӕ, афтӕ ма столицӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.
"Цыппӕрдӕс азы размӕ нӕ райгуырӕн бӕстӕ бавзӕрста ӕвирхъау цаутӕ. Хуссар Иры, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм бинонтӕ нӕ разындзӕн, кӕцытыл нӕ бандӕвта хӕст. Абон нӕ разы лӕууы хӕс - нӕ зӕрдыл дарӕм ӕппӕт уыцы адӕмы, кӕцытӕ сӕ сӕртӕ нывондӕн ӕрхастой уыцы бонты ӕмӕ саразмӕм ӕппӕт дӕр, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ ахӕм фыдӕбӕттӕ макуыуал бавзарой". - загъта президент Гаглойты Алан.
Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ма ралӕууыдысты республикӕйы фыццаг президент Цыбырты Людвиг ӕмӕ Культурӕйы министрады минӕвар Кацты Филипп.
Цхинвалы байгом ирон адӕмы геноцидӕн нывонд равдыст
Равдысты фенӕн ис Ӕлборты Ӕхсӕртӕджы, Дзӕгъиаты Альбинӕйы, Сабанты Анжелӕйы, Джуссойты Иналы куыстытӕн. Нывтӕ ӕвдисынц хӕсты пырхӕнтӕ, цард ӕмӕ сӕрибардзинады сӕраппонд тох, ирд фидӕны ныфсытӕ.
Цхинвалы байгом ирон адӕмы геноцидӕн нывонд равдыст
Йӕ куыстыты тыххӕй журналисттӕн радзырдта республикӕйы сгуыхт ахуыргӕнӕг Дзӕгъиаты Альбина. Уый банысан кодта, нывтӕ иууылдӕр кӕй дзурынц ӕнусы дӕргъы ирон адӕмы хъизӕмӕрттыл.
"Абон ма равдысты ис нӕ хӕлар, патриот, дзӕнӕттаг Джуссойты Иналы (Беге) нывтӕ. Йӕ куыстыты бӕрӕгӕй зыны йӕ патриотизм, уый канд фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма ирон аивад, ирон культурӕйы ӕнувыд парахатгӕнӕг дӕр", - загъта нывгӕнӕг.
Хуссар Ирыстоны абон мысынц сабыр цӕрджыты, фидауынгӕнджыты, Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсады службӕгӕнджыты, кӕцытӕ фӕмард сты 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы фӕстиуӕгӕн.
Цхинвалы байгом ирон адӕмы геноцидӕн нывонд равдыст