Дзырды ахадындзинад баст вæййы йæ раныл дæр: хъæууон адæмы ныхасы бирæ ис "хъæууон" дзырдтæ, æмæ горæттæгтæм та фылдæр сæхи дзырдтæ вæййы. Цæвиттон, стуры йеддæмæ хæдзарон фосæй "дез" никæмæн дзурынц. Лыстæг фосы "дез" нæ хъæуы, тæлфгæ кæнынц. Стæй сæм адæймаг куы баввахс вæййы, уæд сæхæдæг ахибар вæййынц.
Фæдез кæнын йæ мидисæй у феккуырсыны хуызæн, фæлæ бынтон æмгъуызон не сты: "фæдез кæнын"-ы нысаниуæгмæ цыдæр æрбаирвæзтис кæвдæсы цурæй æмæ йын уый дæтты сæрмагонд стилистикон тæфаг, алы фындз кæй нæ хаты, ахæм цавæрдæр хъазæнæмхасæн тæфаг...
"Хъахъа" карк кæны. Нæ дзырдуæтты "хъахъа"-йы бæсты ис "хъуыдатт", фæлæ уыдонæй алкæмæн йæхи бынат ис æмæ кæрæдзийы нæ ивынц. Карк айк куы æрæфтауы, уæд дуне йæхимæ æрыхъусын кæны йæ хъæрæй – "хъуыдатт" кæны. Афтæ-ма фæхъæр кæны, йæ æфтуаны йæ зæрдæмæ цыдæр куы нæ фæцæуы, кæнæ истæмæй куы тæрсы, уæд.
"Хъахъа" æндæргъуызон у: цыма исты агуры, истæуыл катай кæны, уыйау уыцы иугъæдонæй адаргъ кæны карк йæ "хъа-хъа-хъа"...
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.