Хуссар Иры Чеселтгомы хъӕутӕм аразынц фӕндӕгтӕ ӕмӕ хид

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы донивылдты фӕстӕ ӕххӕстӕй сцалцӕг кодтой фӕндӕгтӕ районы къорд хъӕумӕ, ныридӕгӕн архайынц Чеселтгоммӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ хид саразыныл, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.
"Районы Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады тыхтӕй фӕндӕгтӕ арӕзт ӕрцыдысты Бузаламӕ, Машхармӕ, Борхъота ӕмӕ Дыууӕдонастӕумӕ", - загътой уагдоны.
Ууыл аразинӕгтӕ нӕ фесты, районы нырмадӕр кӕронмӕ иуварс не 'рцыдысты донивылдты фӕстиуджытӕ.
Хуссар Иры Чеселтгомы хаххыл аразынц фӕндӕгтӕ ӕмӕ хид
"Чеселтгоммӕ фӕндаг дӕр донивылдты фӕстӕ айгӕрстой, фӕлӕ йӕ ныр та капиталонӕй аразынц. Уыимӕ иумӕ фӕндӕгты арӕзтад цӕуы Чеселтмӕ хӕстӕг Цъамад ӕмӕ Тхелы хъӕутӕм. Фӕстӕдӕр ацы хаххыл сӕндидзын кӕндзысты хид дӕр", - бафтыдта районон администрацийы пресс-секретарь.
Раздӕр ма куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй Дзауы районы ног ахуыры азмӕ цалцӕг кӕнынц скъолатӕ дӕр.
Хуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнынц скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ