Хуссар Иры столицӕйы ног ахуыры азмӕ сцалцӕг кӕндзысты цыппар скъолайы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цыппар скъолайы цалцӕг ӕрцӕудзысты ног ахуыры азмӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдтой Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы.
Ӕрвылазон нывӕзт ацы аз аххӕссыд ӕрмӕст цыппар ахуырадон объектыл.
"Ацы нысанӕн цы финансон фӕрӕзтӕ ӕрцыдысты хицӕн, уыдон ӕппӕт скъолаты фаг нӕ уыдысты, инфляци хынцгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ, горӕтты администрацийы ахуырады управлени аскъуыддзаг кодта дыккӕгӕм, фӕндзӕм, фарастӕм ӕмӕ дыууадӕсӕм скъолатӕ сцалцӕг кӕнын ног ахуыр азмӕ", - загътой мэрияйы.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕдӕппӕт уӕвынад кӕны 14 скъолайы, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ сты ногарӕзт.
Ӕртыккӕгӕм скъола арӕзт фӕцис ӕрмӕст ивгъуыд азы, ног бӕстыхӕйттӕ ма ис фыццӕгӕм скъола ӕмӕ гимназ "Альбион"ӕн.
Хуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнынц скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ