Уæрæсейы сбæрæг кодтой æхсæз фæрынчынуæвæджы "дельтакрон"-æй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Уæрæсейы сбæрæг кодтой æхсæз фæрынчынуæвæджы коронавирусы ног штамм – "дельтакрон"-æй, уыдонæй фондз уыдысты Санкт-Петербурджы æмæ иу та Мæскуыйы, хъусын кæны Роспотребнадзоры пресс-службæ.
"VGARus-ы базæмæ 10.08.22 бахастæуыд æхсæз геномон фæткы, кæцытæ нымад цæуынц COVID-19 вариантыл. Сиквенстæ хауынц июль æмæ августы райдайæнмæ. Иртæстытæн фондз хуызæджы систой Санкт-Петербурджы, иу та – Мæскуыйы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, "дельтакрон"-имæ пациенттæ Уæрæсейы низ рахастой рог формæйы, госпитализаци никæй бахъуыд.
Уагдоны бахахх кодтой, зæгъгæ, ныртæккæ нæй бындур хъуыды кæнын, гибридон вариант уæззаудæр уавæрмæ кæй æркæны.