ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг Инвестицион нывӕзт 2022 азӕн цӕуын ӕнӕ ахадгӕ къуыхцытӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард Инвестпрограммӕйы реализацийы контролы фӕдыл штабы рабадты, кӕцы ацыд хицауады сӕрдар Джуссойты Константины къухдариуӕгадӕй, хъусын кӕны майрӕмбоны хицауады пресс-службӕ.
Арӕзтадон министрады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕххӕст бӕрцӕй цӕуы автотрассӕ Ерцъо-Синагур, афтӕ ма кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц газы хӕтӕлтӕ ивыны куыстытӕ Цхинвалы уынгтыл.
Ӕмбырды рӕстӕджы ма дзырд цыд ЦКХ лӕггӕдты тыххӕй фиддонты ӕмбырдкӕнынадыл дӕр, сӕйраджыдӕр, электроэнергийы тыххӕй. Банысангонд ӕрцыд, электроифтонгады системӕмӕ конд ӕрцӕудзысты хыгъды гарзӕгтӕ, уый та ӕруромдзӕн электроэнергийӕ ӕнӕсанкцион пайдакӕнынад.
Ӕмбырдӕн фӕстиуджытӕ аразгӕйӕ, Джуссойты Константин бахахх кодта, 2022 азы Инвестпрограммӕйы реализацийӕн рахицӕнгонд фӕрӕзтӕ "кӕй хъуамӕ ӕрцӕуой спайдагон ӕххӕстбӕрцӕй ӕмӕ ӕрсидт арӕзтадон процессы архайджытӕм, цӕмӕй кусой цӕсгомджынӕй ӕмӕ гъӕдджынӕй".