Ереваны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт æхсæз адæймаджы онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Ереваны базарадон центр "Сурмалу"-йы срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт æхсæз адæймаджы онг, хъусын кæны Sputnik Сомих бæстæйы УУМ æнцойгæнгæйæ.
"Ацы тæккæ ирвæзынгæнджытæ пырх бæстыхайæ систой æхсæзæм фæмардуæвæджы мæрдон буар" – загъта уагдоны пресс-секретарь Айк Костанян.
Нысангонд æрцыд, фæмардуæвæджы гоймагдзинад нырма бæрæг кæй нæу.
Ноджы ма 16 адæймаджы хъысмæт æбæрæг у. Ныртæккæ дарддæр уагъд цæуынц ирвæзынгæнæн-агурæн куыстытæ.
14 августы бонæй Ереваны базарадон центр "Сурмалу"-йы æрцыд срæмыгъд, уый фæстæ та зынгсирвæзт. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цауы фæстиуæгæн бахъыгдард сты 60 адæймагæй фылдæр.
Цауы официалон аххосаг нырма бæрæг нæу. Цæйстæйфенджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, срæмыгъд æрцыд пиротехникон æрмæджыты дуканийы.