Хуссар Иры Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады радзырдтой коронавирусимæ уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Коронавирусимæ уавæр Хуссар Ирыстоны у стабилон, фæрынчынуæвджытæ бирæ не сты, чи дзы ис рынчын, уыдонæн та низ цæуы рог кæнæ астæуккаг формæйы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Алла.
"Фæстаг къуырийы дæргъы сбæлвырд кодтам 12 фæрынчынуæвæджы. Цыппар рынчыны бахъуыд госпитализаци. Алкæмæндæр низ цæуы рог кæнæ астæуккаг формæйы", - радзырдта уый.
Министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, пациенттæ рынчын кæй сты омикрон-штаммæй.
Цоциты Алла
"Фæнды мæ æрсидын æмбæстæгтæм, цæмæй КРВИ-йы миниуджыты рæстæджы ма цæуой поликлиникæмæ, фæлæ фæдзурой фадыгон службæмæ кæнæ тагъд æххуысмæ", - банысан кодта Цоциты Алла.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ тыхы баззадысты домæнтæ æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнынмæ: фæкъаддæр кæнын контакттæ адæмимæ, сæ нымæцы карджын адæм æмæ иугæндзойнон рынчынтæ.
Афтæ ма Цоциты Алла комментарий скодта уæрæсейаг экспретты хъуыдыйæн, кæцытæ нымайынц, фæззæджы кæй рацæудзæн коронавирусы ног уылæн.
"Рынчындон цæттæ у коронавирусы инфекцийы ног уылæнмæ", - баныфсæвæрдта Цоциты Алла.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, гæнæн ис бирæ адæм нымайынц коронавирус КРВИ-йыл, уый фæдыл хъæуы бадзурын медицинон уагдæттæм æххуысмæ.