ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы Сталины уынджы 96-æм хæдзары цæрджытæ сидынц горæты къухдариуæгадмæ, цæмæй фæуой сæ кæртыты хæрзарæзтад, хъусын кæны ПТРК "Ир".
Кæрты цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой цыппар азы размæ, уæд раивтой инженерон хызæгтæ, æмæ ууыл хæрзарæзтад фæцис.
Цхинвалы активонæй цæуынц кæртыты хæрзарæзтадон куыстытæ. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Харебаты Исахъы æмæ Нæузæххонты уынгтыл. Ам ног кæнынц зæххыбын коммуникацитæ, æвæрынц бордюртæ æмæ тагъд райдайдзысты асфальт æвæрын.
"Мах ацы азты дæргъы цæуæм бирæ организацитæм, уыдыстæм президент æмæ мэрмæ. Иутæ дзурынц, кæй сараздзысты алцыдæр, иттæ хъаст кæнынц, æхцайы фæрæзтæ сæм кæй нæй. Хорз боныгъæды рæстæджы нæм вæййы тынг рыг, къæвдайы рæстæджы та кæрт байдзаг вæййы донæй", - дзуры хæдзары цæрæг сылгоймаг Кокойты Валентина.
Цхинвалы администрацийы цалцæггæнæн-арæзтадон дæлхайады фидарæй загътой журналисттæн, Харебаты Исахъы æмæ Нæузæххонты уынгтыл куыстытæ куы балхынцъ кæной, уæд сентябры дыккаг æмбис коммуналон службæтæ бавналдзысты Сталины 96-æм æмæ 98-æм хæдзæртты кæртыты хæрзарæзтадмæ.