ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон радон хатт арвитдзӕн гуманитарон ӕххуыс Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы цы ирон хӕстонтӕ архайынц, уыдонӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта парламенты депутат Санахъоты Дауыт.
Ахӕм акцитӕ Хуссар Ирыстоны цӕуы ӕдзух, закъондӕг органӕй ахӕм хъӕппӕрис цӕуы дыккаг хатт.
"Парламенты депутаттӕ, аппараты кусджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн сӕ хиуӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой фӕрӕзтӕ. Гуманитарон нысанӕн здӕхт цӕуынц паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концертты цы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон дӕр", - загъта уый.
Уый банысан кодта, фӕрӕзтӕй самал кодтой фӕсивӕд сӕхӕдӕг цы домынц, уый.
"Лӕппутимӕ развӕлгъау баныхас кодтой ӕмӕ сӕ цы хъӕуы уый базыдтам. Хӕлцадон продукттӕй дарддӕр ма дзы ис рухсгӕнӕнтӕ, дарӕс ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕг", - бафтыдта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй гумманитарон ӕххуыс ӕрвитынц ӕндӕр баиугӕндтӕ ӕмӕ къордтӕ дӕр.
Гуманитарон ӕххуыс арвитдзысты ӕввахс рӕстӕджы, уаргъ чи фӕхӕццӕ кӕна, уыдон нымӕцы уыдзысты депутаттӕ дӕр.