Хуссар Ир йæ хæдбардзинады банымад банысан кæндзæн бæрæгбонон мадзæлттæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы рдыгæй республикæйы хæдбардзинад банысан кæныны 14-æм афæдзыбоны цытæн. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта РХИ культурæйы министрады пресс-службæ.

"Бæрæгбон райдайдзæн 25 августы: республикæйы æппæт районты дæр бынæттон сфæлдыстадон коллективтæ ауадздзысты концерттæ. Мадзæлттæ адарддæр уыдзысты 26 августы Цхинвалы, уым ацæудзысты алыгъуызон равдысттæ, концерттæ, акцитæ", - радзырдтой пресс-службæйы.

Культурæйы министрад ма бацæттæ кодта бæрæгбонон нывæзт сабитæн дæр, сæйраджыдæр, Хетæгкаты Къостайы уынгыл ацæудзæн акци "Ныв асфальтыл". Сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсынц хъæзтытæ æмæ адджинæгтæ.
Хуссар Иры райдыдтой мадзæлттæ, кæцытæ нывонд сты Хæдбардзинад банымайыны бонæн
Уымæй дарддæр ма, адарддæр кодтой министрады, 26 августы байгом уыдзæн равдыст, цы ран сæ куыстытæ равæрдзысты зындгонд нывгæнджытæ.
"Бæрæгбон адарддæр уыдзæн республикæйы æхсæнады минæвæртты цытджын æмбырдæй Паддзахадон драмтеатры, уый фæстæ та дзы ацæудзæн концерт адæмон инструментты паддзахадон ансамбль "Айзæлд", "Симд", Хуссар æмæ Цæгат Иры сгуыхт артист Амага Готти æмæ æндæрты хайадистæй", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Бæрæгбон балхынцъ уыдзæн егъау концертæй Театралон фæзуаты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны стъалыты хайадистæй.
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад 2008 азы 26 августы, Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операцийы фæстæ. Уый фæстæ республикæты суверенитет банымадтой ноджы Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.