Хуссар Иры скъолаты дарддæр цæуынц нывæзтон басгæрсттæ ахуырадон азы райдайæнмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) зынгсирвæзтон цæстдарды инспектортæ уадзынц нывæзтон басгæрсттæ ахуырадон азы райдайæнмæ республикæйы алы скъолайы дæр. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
УУМ куыд банысан кодтой, афтæмæй зынгсирвæзтон æдасдзинад æххæст кæныны фæдыл басгæрсттæ райдыдтой 22 августы æмæ фæуыдзысты 2 сентябры.
Уый размæ хъусын кодтой, басгæрсттæ кæй ауадздзысты 57 скъолайы. УУМ бамбарын кодтой, зынгсирвæзты æдасдзинады фæдыл мадзæлттæ уагъд цæудзысты республикæйы скъолатæ æмæ сабидæтты декабры дæр.
Хуссар Иры 57 скъолайы басгардзысты зынгсирвæзтты æдасдзинады уавæр – УУМ