Хӕлцадон ӕмӕ биологон ӕдасдзинады бындур: Гаглойты Алан саргъ кодта ветеринарты куыстӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Хуссар Иры президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ветеринарийы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл.
"Уӕ куыстыл, кӕцы здӕхт у цӕрӕгойты тӕссаг низты профилактикӕ ӕмӕ ликвидацимӕ, баст у хӕлцадон ӕмӕ биологон ӕдасдзинад, бӕстӕйы эпизоотикон ӕнӕзиандзинад", - дзырдӕуы арфӕйы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл.
Гаглойты Алан банысан кодта, сӕ ӕрвылбонон куыстӕй къабазы кусджытӕ кӕй хъахъхъӕнынц канд цӕрӕгойты ӕнӕниздзинад нӕ, фӕлӕ ма сӕ контролы бын ис хъӕууонхӕдзарадон продукцийы гъӕд ӕмӕ ӕдасдзинад.
Сæйрагдæр у прививкæ саразын: ветеринарон дохтыр хъомты сæрдмæ бацæттæ кæныны тыххæй
"Уӕлдай нысаниуӕг ис арӕгӕрон ӕмӕ таможнӕйон ветеринарон хъусдард, кӕцыйы фӕрцы Хуссар Иры территорийыл не руадзынц емынӕты апарахат", - бахахх кодта президент.
Уый бузныг загъта ветеринарийы кусджытӕн сӕ фӕстиуӕгджын архайды тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс, уыдон дарддӕр дӕр цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ профессионалон хӕстӕ.