Хъырымы байгом уыдзӕн равдыст "Беслӕн. Фидӕн, кӕцы не 'рцыд"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Хъырымы Ливадийаг галуаны байгом уыдзӕн равдыст "Беслӕн. Фидӕн, кӕцы не 'рцыд". Мадзал нывонд у дунейы иууыл ӕгъатырдӕр терракты - Беслӕны тагедийы 18-ӕм афӕдзы бонӕн. Уый тыхӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Беслæны райдыдта æртæбонон мысæн вахта 2004 азы теракты амæттæгты фæдыл
Равдысты фенӕн уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны официалон минӕвар Хъырымы, горӕт Ялтайы цытджын ӕмбӕстаг Савлаты Валерийы куыстытӕн, афтӕ ма Константин Михальчевскийы къамтӕн, кӕцытӕ ӕвдисынц Беслӕны амынӕты уӕвӕг адӕмы.

"Равӕрдтам 30 куысты бӕрц. Мадзал саразыны инициативӕ раразмӕ кодта Ливадийаг галуан-музейы директор, кӕцыимӕ мын ис хӕларадон ахастытӕ. 2004 азы мах ауагътам фыццаг мадзал Беслӕны теракты мысынӕн, уый фӕстӕ ма ноджы цалдӕр", - хъусын кӕны портал Савлаты Валерийы ныхӕстӕ.

Уый ма банысан кодта, равдыст кӕй адарддӕр уыдзӕн иу мӕймӕ.
Ныхасӕмбал ма куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ноджы иу равдыст та ацӕудзӕн В.И. Вернадскийы номыл Хырымаг федералон университеты.
Беслæн. Архивон кадртæ