Уф æфсæдтæ сæрмагонд операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой 1877 украинæйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй уæрæсейаг Гарзджын тыхтæ скуынæг кодтой 1877 æнæпилотон тæхæг аппараты, фехъусын кодтой къуырисæры Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
Фæстаг фондз дроны æрыппæрстой Харьковы областы Большие Проходыйы, Донецкаг Адæмон Республикæы Новотроицкое, Егоровка, Новый Свет æмæ Зеленое Полейы районы, сæ нымæцы иу "Байрактар-ТБ2".
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 287 хӕдтӕхӕджы, 152 вертолеты, 372 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4822 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 825 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3368 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5304 иуӕджы.
Уæрæсейы ХМ радзырдтой Киевы æфсады зиæнтты тыххæй Николаев-Криворожаг здæхтыл