Уырыссаг кълас ӕмӕ минӕвары арфӕ: Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уырыссаг скъола Ленингоры поселочы республикӕйы иннӕ ахуырадон уагдӕтты ӕмрӕнхъ ӕрбайгом кодта йӕ дуӕрттӕ ахуырдзаутӕн. Скъолайы ис 85 сывӕллоны, фыццаг хатт йӕ къӕсӕрӕй бахызтысты аст фыццагкъласоны.
Ахуырдзаутӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы минӕвадары кусджытӕ минӕвар Марат Кулахметовы сӕргълӕудӕй, районон администрацийы разамынад.
Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон
Уӕрӕсейаг минӕвары цӕст бауарзта сывӕллӕттӕн уарзын зонындзинӕдты галуан, ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсгӕйӕ размӕ цӕуын.
"Абон сывӕллӕттӕ бахиздзысты скъолайы къӕсӕрӕй, кӕцыйы стӕй уарзгӕйӕ мысдзысты кӕддӕриддӕр. Фӕнды мӕ уыдонӕн зӕгъын ӕнтыстытӕ ӕмӕ фӕрныгад. Уӕ зӕрдыл дарут - скъолайы ӕзтӕ сты ииуыл хуыздӕр ӕзтӕ", - банысан кодта Кулахметов.
Уӕлдай бузныг уый загъта ахуыргӕнджытӕн сӕ фыдӕбон ӕмӕ сабитӕм уарзондзинады тыххӕй.
Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон
Ахуырдзаутӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн ма раарфӕ кодта районы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Иларион дӕр ӕмӕ сын загъта иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ.
Бӕрӕгбон нынкъард кодта трагикон цау - аварийы фӕстиуӕгӕн ацы бонты фӕмард скъолайы ахуырдзаутӕй иу. Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой уый, Беслӕны амӕттӕгты ӕмӕ Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы фӕмардуӕвӕг ирон хӕстонты рухс нӕмттӕ.
Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон
Мадзалы кӕронбӕттӕны уазджытӕ федтой скъолайы уырыссаг кълас. Скъолайы директор Битарты Лали куыд радзырдта, афтӕмӕй скъола райста уырыссаг ӕвзаджы ифтонг кълас Уырыссаг гуманитарон миссийӕ.