ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik. Украинӕйы Гарзджын тыхты фехсты фӕстиуӕгӕн Энергодар баззад ӕнӕ электроифтонгадӕй, горӕты хъуысы срӕмыгъдты уынӕр. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости.
Горӕты ӕфсӕддон-ӕмбӕстагадон администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй бахъыгдард ис электрохахх Запорожаг атомон электростанцы районы.
Украинӕйаг ӕфсӕддонтӕ регулярон ӕгъдауӕй ӕхсынц Энергодар ӕмӕ йӕ цуры уӕвӕг ЗАЭС, кӕцы мартӕй фӕстӕмӕ ис уӕрмсейаг ӕфсады контролы бын.
Ивгъуыд къуыри Запорожаг АЭС ӕрцыд МАГАТЭ мисси Гроссийы сӕргълӕудӕй. Уымӕй размӕ Уæрæсейы минæвар Венайы æхсæнадон организациты цур Михаил Ульянов куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй МАГАТЭ-йы дыууæ кусæджы баззайдзысты Запорожаг АЭС-ы ӕдзухон куысты тыххӕй.
ЗАЭС ис Днепры галиу фарс горæт Энергодары цур. Уый у иууыл егъаудæр станц Европæйы йæ гуырахстмæ гæсгæ. Мартæй фæстæмæ уый ис уæрæсейаг æфсæддонты хъахъхъæнынады бын. Уæдæй фæстæмæ Украинæйы Гарзджын тыхтæ арæх фехсынц Энергодар æмæ цæрæн пункттæ, кæцытæ сты Запорожаг АЭС-мæ хæстæг.