Хъахъхъӕнынады министр фембӕлд УФ ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсантты ныййарджытимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов фембӕлд, Уӕрӕсейы уӕлдӕр ӕфсӕддон ахуыгӕнӕндӕтты цы хуссарирыстойнаг курсанттӕ ахуыр кӕнынц, уыдон ныййарджытимӕ. Се хсӕн ма уыдысты, алыгъуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ сӕ ахуырӕй кӕй рацух кодтой, уыдон дӕр, хъусын кӕны дыццӕджы уагдоны пресс-службӕ.
"Министр байхъуыста информацимӕ ӕфсӕддон дисциплинӕйы уавӕры, курсантты ахуыры ӕмвӕзады фӕдыл. Объективондзинад ӕмӕ бӕрӕгдзырдты анализы тыххӕй курсантты ахуыры фарстытыл ӕруынаффӕ кӕндзысты ахуыргӕнӕндӕтты къухдариуӕггӕнджытимӕ", - банысан кодтой хъахъхъӕнынады министрады.
Курсанттӕ Хуссар Ирыстонӕй регулярон ӕгъдауӕй бацӕуынц Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм, нысанмӕздӕхт бынӕттӕ уыцы академиты республикӕмӕ цӕуынц дыууӕ бӕстӕйы хъахъхъӕнынадон уагдӕтты хсӕн ӕмгуыстады фӕлгӕтты.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады райдыдта мулчы инвентаризаци